Тенгиз Церцвадзе -  арæнæвæрдтæ  ауæрæх кæнынæй  виппайды фæстиуæг нæ вæййы, фæлæ  нын æнæмæнгæй  уыдзæн
Тенгиз Церцвадзе - арæнæвæрдтæ ауæрæх кæнынæй виппайды фæстиуæг нæ вæййы, фæлæ нын æнæмæнгæй уыдзæн

Инфекцион патологиты æмæ АХИД-ы  центры  генералон директор  Тенгиз Церцвадзейы  фидиуæнæй,   арæнæвæрдты  ауæрæх кæныны цауы, фæстиуæг æнæмæнгæй  уыдзæн, фæлæ   эпидемиологион уавæр  виппайды  нæ фæхзуыздæр уыдзæн.

Церцвадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,  фæтсиуæг   дыууæ къуыримæ хуамæ  фæбæрæг уа.

«Æнхъæлмæ кæсæм,   цæмæй арæнæвæрдтæ  фæстиуæг хъуамæ раттæт,  сæрмагондæй та, хъуамæ  фæкъаддæр уа  инфицирады  цауты  нымæц, фæлæ ацы  фæстиуæг  виппайды нæ уыдзæн, уымæн æмæ  адæймаг  куы  фæрынчын вæййы,   низы рабæрæг кæнынæн  инкубацийы  период у  2  къуыри.  Дыууæ къуырийы фæстæ  хъуамæ  рахатæм  фыццаг фæстиуджытæ,  ацы  ауæрæхгонд  арæнæвæрдтæй,   кæцы хъуамæ  фæзына  афтæ, цæмæй   ног цауты нымæц  стабилон суа,  мауал фылдæр кæна  æмæ стæй та  райдайæт къаддæр кæнын. Уый нæу  æнцон процесс. Ахæм  арæнæвæрдтæ иу  уыцы тæккæ  фæстиуæг не рхæссынц,   иу кæнæ дыууæ мæйы иу бахъæуы,  цæмæй  фæстиуæг  рахатинаг бауа.  Махæн  та  æвæрццаг фæстиуджытæ æнæмæнгæй  уыдзæн», – фехъусын кодта Тенгиз Церцвадзе.