Тель-Авивы мэр - Адæймагдзинад  кæцыфæнды конфликтæй  бæрзонддæр лæууы, æмæ  нæ  зæрдæтæ  абон ливайнаг адæмимæ сты ацы  æбуалгъ  катастрофæйы фæстæ
Тель-Авивы мэр - Адæймагдзинад кæцыфæнды конфликтæй бæрзонддæр лæууы, æмæ нæ зæрдæтæ абон ливайнаг адæмимæ сты ацы æбуалгъ катастрофæйы фæстæ

Адæймагдзинад цыфæнды  конфликтæй  бæрзонддæр лæууы – ахæм  фидиуæн аразы Тель-Авивы  мэр  Рон Хулдайи  Ливаны сахары айтынггонд фæзындты фæдыл.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ливан æмæ Израиль  техниконæй   фæстæмæ  хæстон уавæры сты.  Фæлæ æнæкæсгæ уымæ, Рон Хульдайи  уынаффæйæ, Тель-Авивы мэрийы  бæстыхай, Ливаны тырысайы  хуызтæй  срухс ис.

«Адæймагдзинад  кæцыфæнды конфликтæй  бæрзонддæр лæууы, æмæ  нæ  зæрдæтæ  абон ливайнаг адæмимæ сты ацы  æбуалгъ  катастрофæйы фæстæ, кæцы  уыдоны  æрыййæфта», –  фыссы  сахары мэр «Твиттеры».

Фæнысанкæнинаг у, цæмæй Израиль, ИНО-йы  фæрцы, Ливанæн   гуманитарон æххуыс дæр банхъарыд.

2006 азы  Израиль æмæ Ливаны шиитон змæлд  «Хесболайы» æхсæн иумæййон   конфликты амæттаг  фесты    1200-йæ фылдæр ливайнаг,  кæцыты фылдæр  сабырадон æмбæстæгтæ  уыдысты. Израилы æрдгæй  та  чи фæхъуыд,  уыдоны  нымæц уыд  160, æмæ сæ фылдæр æфсæддæттæ уыдысты.