Тея Цъулукиани  хъусын кæны, цæмæй  оппозицийы æмæ  хицаугæнæг   партийы  æхсæн фембæлдыл, бирæмандатджын системæйы тыххæй  не рныхас кодтой
Тея Цъулукиани хъусын кæны, цæмæй оппозицийы æмæ хицаугæнæг партийы æхсæн фембæлдыл, бирæмандатджын системæйы тыххæй не рныхас кодтой

Оппозицийы  æмæ  хицаугæнæг  партийы  æхсæн  бадзырдты  æртыккаг раунд  æнæфæстиуæгæй  фæцис.

Гуырдызстоны  Юстицийы министр  вице-премьер  Тея  Цъулукиани куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ  абоны  фембæлдыл фæныхас кодтой   бирæмандатджын  системæйыл,  кæцы  дунейы   тынг цъус  бæстæйы  ис.  Сæрмагондæй  та, Цъулукианийы  дзырдæй,    зæгъгæ ацы  бæстæтæ  сты  Афгъанистан æмæ Ирак.

Цъулукианийы   куырдиатмæ гæсгæйæ, зæгъгæ   нæй  гæнæн  Гуырдзыстоны бирмандатджын  æвзарæнон  зылдтытæ скусын кæнын, уымæн æмæ   Европаг  бæстæ у.

Цъулукианийы дзырдæй,   абоны фембæлдыл  æрмæстдæр  бирæмандатджын   системæйыл уыд ныхас.

«Нæдæр Мамука  Мдинарадзейы   инициативæйыл æмæ   нæдæр   æххæстæй  мажоритарон   системæйы  уыд ныхас.  Ныхас  уыд  бирæмандатджын  мажоритарон   системæйыл  архайæг конституцийы  фæлгæтты» – райхъусын кодта  Тея  Цъулукиани æмæ  ма  бафтдыта  цæмæй,   зæгъгæ фæдылдзог рабадтыл   каст не рцæудзысты  ахæм фарстатæ,  кæцытыл абоны  онг фæунаффæ кодтой.

«Æнæмæнг хæъугæ  у  бынтон  ног  иницитиавæ» – бафтыдта  ма  Тея Цъулукиани.