Тедо Гобеджишвилийы  мæлæты хъуыддагыл  ахæсттæн  æфхæрды мадзалыл  тæрхондон уынаффæ кæны
Тедо Гобеджишвилийы мæлæты хъуыддагыл ахæсттæн æфхæрды мадзалыл тæрхондон уынаффæ кæны

Исанийы  зылды  комиссийы  сæрдары  мæлæты хъуыддагыл  ахст  дыууæ уæнгы ныхмæ  æфхæрды  мадзалыл  Тбилисы горæты  тæрхондоны  цæуы   рабат.

Прокуратурæ  Акаки  Къобаладзе æмæ  Акаки  Хускивадзейæн  ахст стæрхон кæнын домы. Зылынмæ лæвæрдты  адвокаттæ дзурынц, цæмæй  хъуыддаджы    бæлвырдгæнæнтæ нæй,  ис дзы æрмæст фæрссаг бæлвырдгæнæн.

Адвокат  Диана Мартъиашвилийы фидиуæнæй,   фæмардуæвæгы æмæ   ахæстты æхсæн уыд  хæларон  æмæ  хæстæгон  ахастытæ  æмæ фæнысангонд хъуыддагыл  се рцахст у  абсурдон.

Адвокаттæ  афтæдæр райхуъсын кодтой,  цæмæй  ахæстты барадхъахъхъæнджытæ физикъонæй бафхæрдтой.

«Тыхмидзинад,  тых бакæнын, гæртам банхъарын – цæвиттон Акаки  Къобаладзейы  хæдзарæй   хæцæн  нæмгуытæ   систой.  Процессуалон  хæлдæй  ацыд   дзигул. Нæ нын уыдис  фадат ацы  джигулыл  уыдаиккам. Ай у  аразгæ   аххосаг  æмæ  спекуляци.  Мæ дæлæвджидимæ куы  фембæлдтæн, абон йын йæ хæдон хъулæттæ уыд тугæй. Уый мын загъта  цæмæй  йæ  рцахсты рæстæджы йæ физикъонæй  базиан кодтой.  Хъавæм   уый тыххæй  бахъаст кæнын,  цæмæй  фыдракæндыл райдайæт фæдагуырд» –  райхуъсын кодта адвокат Диана Мартъиашвили.