«Тбилисы  Зæлдаг Фæндаджы форумы»  параллелонæй, оперæйы цур  цæуы  простетон акци
«Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы форумы» параллелонæй, оперæйы цур цæуы простетон акци

Змæлд  «Бæстæйæн службæ кæныны»   оперæйы  театры раз,  цы ран   «Зæлдаг Фæндаджы Форум»  цæуы,   акцийы  уадзы.  Акцийы  хайадисджыты фидиуæнæй,  уыдон  20  июны  фæзындтæ протест кæнынц.

«Мах Гахариайæн æмæ æнæхъæн хицауадæн раттам  дзырд, цæмæй  сын нæ ныббардзыстæм  20  июны  æхсæвы фæзындтæ  æмæ сын алкуырандæр   сараздзыстæм дискомфорт. Знон базыдтам  цæмæй   сын абон   уыд  форумы байгом, æрбацыдыстæм  æмæ  нæ фæнды  цæмæй  æнæ æрмæст Гиорги Гахариа æмæ хицауады  минæвæрттæ, фæлæ ма  ардæм æрбацæуæгс  уазджытæ дæр  феной нæ  протест æмæ сын фехъусын кæнæм, цæмæй нæ хицауад  у проуырыссаг, Гиорги Гахариа  у Мæскуыйы  лæг. Цыдæр деструкцитæ  нæ  хъавæм. Фæнды  нæ æрмæст хъæлæбайæ  фехъусын кæнæм  Гахариайæн  æмæ  уым уæвæг   уазджытæн» –  райхъусын кодта акцийы   иуæй-иу хайадисæг  Тамта  Гоголадзе.

Гуырдзыстоны премьер-министры, Гиорги Гахариайы   патронажæй, «Тбилисы  Зæлдаг Фæндаджы форум»  22-23 октябры цæудзæн.