«Тбилисы  Зæлдаг Фæндаджы Форум» абон  байгом ис
«Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы Форум» абон байгом ис

Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариайы   патронажæй, «Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы форум»  22-23  октябры  ацæудзæн.

Экономикæйы министрады   хъусинагæй,   форум  у бæрзонд æмвæзады диалог  хицауадты æмæ  бизнесты æхсæн.   Афтæдæр  у сеппæтæй  хуыздæр  платформа, паддзахады, организациты æмæ  бизнесы минæвæртты æхсæн,  дыууæфарсон  æмæ бирæ фарсон  фембæлдтæн.

Форумæн йæ нысан у,   сæвзæрын кæна æмæ æрфидар кæна  дискуссион платформæ,  кæцыйыл   Зæлдаг Фæндаджы  инициативæйы бæстæты, æхсæнадæмон организациты æмæ  хицæн  секторы минæвæрттæ  æркæсдзысты  æмкуысткæнынад фæарфдæры   перспективæтæ æмæ цæдистæ   æхсæнадæмон  æмæ регионон   базарады сферæйы.

«Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы форум»  Азий æмæ  Европæйы  æхсæн, политикъон, экономиклон  æмæ   культурон   цæдистæ  фæарфдæр кæныны  иуæй-иу  хуыздæр   фадат у.

«Тбилисы  Зæлдар Фæндаджы Форумы» 60-йæ  фылдæр бæстæйы  2000-æй  фылдæр делегат,  сæ нымæцы  30-æй  фылдæр   официалон  делегацийы   æмæ 400-ы  онг фæсарæйнаг  хицæн секторы минæвар райсдзæн хайад.