Тбилисы  сом ацæудзæн Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ  Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлд
Тбилисы сом ацæудзæн Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлд

Тбилис  Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ  Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлдæн сом сфысым кæндзæн.

Фæнысангонд фембæлд  радæй   æстæм  министериал у   æртæфарсон форматы.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийæ,   министртæ    æркæсдзысты   æртæфарсон   æмкуысткæнынады    архайæг боны фæтк   æндæр æмæ æндæр  æрдгæй,  сæрмагонд хъусдард  здæхт æрцæудзæн   Азербайджаны   Гуырдзыстон æмæ Турчы  æмкуысткæнынады   æрдæм транспорты  æмæ  энергетикæйы  фарстаты.

Æртæфарсон   министериалы  фæлгæтты  къух  бафысдзысты  фæсарæн хъуыддæгты министрты  иумæйаг   куырдиатыл.

Азербайджаны  æмæ  Турчы   фæсарæн хъуыддæгты   министрты  визитты  фæлгæтты,  афтæдæр пълангонд сты  сæ  фембæлдтæ   Гуырдзыстоны  æххæстгæнæг æмæ  закъондæттæг   хицауады  минæвæрттимæ.