Тбилисы мерийæ ахуыры финансдзинады фадат уæлæмхасæй 1000-ы онг социалонæй  æнæхъахъхъæд студентæн уыдзæн
Тбилисы мерийæ ахуыры финансдзинады фадат уæлæмхасæй 1000-ы онг социалонæй æнæхъахъхъæд студентæн уыдзæн

Уæлæмхасæй  1000-ы онг социалонæй  æнæхъахъхъæд  студентæн уыдзæн фадат, Тбилисы мерийæ  ахуыры финансдзинад райсын –  уый фæдыл   сæйраг горæты хицауады  абоны рабадтыл  райхуъсын кодта Тбилисы мер Каха Каладзе.

Каладзейы дзырдæй, финансдзинад  лæвæрд цæудзæн  Тбилисы регистрацигонд социалонæй æнæхъахъхъæд  уыцы  студенттæм кæцытæн социалонæй  æнæхъахъхъæд æмбæстæгты  иугонд базæйы  150 000 баллы кæнæ уымæй  къаддæр ис.

«2015  азæй  финансгонд уыдзысты  уыцы студенттæ, кæцыты бинонты рейтингон баллтæ социалонæй æнæхъахъхъæд иугонд базæйы  уыд 70 000 баллы кæнæ уымæй  каддæр,  рахастам уынаффæ  æмæ нæ инициативæйæ  бенефициарты нымæц  фæфылдæр уыдзæн, финансдзинад лæвæрд цæудзæн  Тбилисы регистрацигонд  социалонæй  æнæхъахъхъæд   студенттыл, кæцытæн социалонæй  æнæхъахъхъæд æмбæстæгты  иугонд базæйы  150 000 баллы кæнæ уымæй  къаддæр ис. Ацы инициативæйы фæстиуæгæн, уæлæмхасæй 1000-ы социалонæй  æнæхъахъхъæд студентæн уыдзæн фадат  Тбилисы мерийæ  райса ахуыры  финасндзинад, кæцыйы максималон  бæрц у  2 250 лари, æрмæст семестрмæ гæсгæйæ  та  1125 лари», – райхъусын кодта Каха Каладзе.