Тбилисы, Израилимæ солидарондзинады акци ацыд
Тбилисы, Израилимæ солидарондзинады акци ацыд

«Солидарондзинад Израилæн»  ахæм номхуындæй   акци ацыд  Рихъейы паркы   инициативон корды организацигондæй. Акцийы  хайадисджытæ  Дунейы   сабырдзинад æрфидарк æныныл  цырын кæнынц  сæ  хъусдард  æмæ  хъусын кæнынц, цæмæ  хæсты  рæстдæжы бирæ æнаххос адæймаг   бавзары  зиан, кæцы  кæрон скæнын хъæуы.

«Зонут,  хуырсмкæсæны астæу, фæстаг рæстæджы  айтынггонд фæзындты  тыххæй.   Израил террористон бырсты бын ис,  Израилы æрдæм  зæгхæн ис   мингай    минæтæ  фехстой.  Ахæм ситуацийы  нысаниуæгджын у  Израилы   рæстаг тохы  фарс хæцын,  уый у  Израилы  хихъахъхъæды нысанæн тох. Иттæг нысаниуæгджын у,  афтæдæр   цивилизацигонд дунейы  фарсхæцын Израилæн, Гуырдзыстон дæр раст ахæм бæстæ у.  Гуырдзыстон  Израилы  фарсхæцæг позици  равдыста æмæ мах , æнæхицауадон сектормæ чи хауæм,  æмбæстагон дзыллæ  ацы   акциийы   инициатор   фестæм,  кæцы  мæ хъуыдымæ гæсгæ   гуырдзиаг æхсæнады  æмæ  пааддзахады   позици  у.  Солидарон стæм  Израилы паддзахадæн  ахæм  уæззау  рæстæджы» – райхъусын кодта  Израилы  хæдзары   директор  Гиорги Берштеин.