Tbilisi Open Air-ыл 70-йæ фылдæр гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг артист рацæудзæн
Tbilisi Open Air-ыл  70-йæ фылдæр  гуырдзиаг  æмæ  фæсарæйнаг   артист рацæудзæн

Tbilisi Open Air 2018 Лисийы цадæй  2 километры дæрццæг  «Лиси Вандерленды»  22,23 æмæ  24  июны  сырæздзæн.

Æртæ боны дæргъы  фестивал  уазджытæн   цыппар  хъауджыдæргонд сценæ,  бирæгъуызон   музыкалон  зæлтæ  æмæ  бирæ  ивхæрсæн амæлттæ  æнхары.

24  сахаты дæргъы  70-йæ фылдæр  гуырдзиаг  æмæ  фæсарæйнаг    артистимæ иумæ  сценæйы  азардзысты  æмæ  ацæгъддзысты :  Tom Odell, Kayakata, Roisin Murphy, Rachael Yamagata, Papooz, R.O x Konoba, Green Room, Salio.

Билеттæ  та,  райдиан этапыл  28 мартæй  16 апрелы онг  ауæй уыдзысты  æрмæстдæр   арæнгонд  нымæцæй (1500) æртæбонон абонементы,  кæцыйы аргъ  110 ларийæ  170 ларийы онг уыдзæн.

Иубонон  билеттæ та 17  апрелæй ауæй уыдзысты.