Тбилис  сфысым кæндзæн   Европæйы  Советы  парламентон ассамблейы   конференцийæн
Тбилис сфысым кæндзæн Европæйы Советы парламентон ассамблейы конференцийæн

Тбилисы  Европæйы  советы   парламентон ассамблейы   конференци  ацæудзæн. Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн   Гуырдзыстоны  парламенты  пресс-куыстæй  куыд  фехъусын кодтой,  уымæ гæсгæйæ,    Европæйы   Советы   парламентон  ассамблейы   диаспорæйы   политикæйы    парламентон цæдисы  организацигонд  конференцийы  темæ  у – «Диаспорæйы активон  хайад паддзахады  рацарæзты  процессы».

Конференцийы   хайадисджыты раз арфæйы ныхасæй  рацæудзысты  Гуырдзыстоны   парламенты  сæрдар   Арчил Талакъвадзе,  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили æмæ Европæйы   Советы   диаспорæйы   дæлкомитеты  сæрдары  хæдивæг  Паоло  Пискъо.