Тбилис фысым кæны Евронесты парламентон ассамблейы радæй  8-æм æрвылазон сессийæн
Тбилис фысым кæны Евронесты парламентон ассамблейы радæй 8-æм æрвылазон сессийæн

8-10  декабры   Тбилис фысым кæны   Евронесты   парламентон ассамблейы  радæй   8-æм æрвылазон  сессийæн –  «Скæсæн  партнерады фидæны цæстæнгас».

Парламентон   ассамблейы  куысты  хайад райсдзысты  Европарламенты  æмæ скæсæн  партнерады  бæстæты   парламентты  уæнгтæ.

Сессийы  фæлгæтты  фæуынаффæ кæндзысты   энергоæдасдзинады,  Скæсæн партнерады   фидæны  цæстæнгасы  æмæ  геополитикъон   быцæусидтыты, афтæма  Евроцæдис æмæ   Скæсæн   Партнерады  бæстæты  æхсæн   æмкуысткæнынады  æндæр æмæ  æндæр   актуалон  фарстатыл.

Сесси  куыстмæ æрывналдзæн 9 декабры æмæ йæ   арфæйы  ныхасæй  байгом кæндзæн   Гуырдызстоны парламенты сæрдар   Арчил Талакъвадзе. Æрымбырдуæвджыты раз  ралæудзысты  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили,  Европарламенты  вице-президент  Кълара  Добрев, Евронесты   парламентон   ассамблейы   æмсæрдæрттæ,  европарламентартæ – Андриус Кубилиус æмæ  Иван  Крулко.

Ассамблей экономикон   интеграцийы, социалон-политикъон  æмæ  энергоæдасдзинады   фарстатыл  резолюцитæ райсдзæн.

Ассамблей Тбилисы  кусын   10 декабры,  ассамблейы  вице-президентты – Андриус  Кубилиусы æмæ  Иван  Крулкойы иумæйаг пресс-конференцийæ фæуыдзæн.