Тамар Жваниайы фидиуæнæй, зæгъгæ хæдбар æвзæрстгæнæн оргæны къухдариуæг йæ бынатæй йæхи суæгъд кæна  æви нæ уый нæу кæцыфæнды политикон партийы  аскуыддзагкæнинаг
Тамар Жваниайы фидиуæнæй, зæгъгæ хæдбар æвзæрстгæнæн оргæны къухдариуæг йæ бынатæй йæхи суæгъд кæна æви нæ уый нæу кæцыфæнды политикон партийы аскуыддзагкæнинаг

Централон  æвзарæнон комиссийы   сæрдар Тамар Жваниайы  фидиуæнæй,  2020 азы   парламекнтон æвзæрстытыл æцæгдæр уыдис  бæрæг типы аиппытæ  æмæ  процедурон рæдыдтытæ, фæлæ  раззаг æвзæрстытыл цы  сфиксир ис  уый бæрц нæ уыд.

Йæ куыстуæгъды фæдыл æркуырды тыххæй та  Тамар Жваниа   банысан кодта, цæмæй абоны онг   ничи  ницы  бæлвырд гæнæн бавдвста  кæцы  йæ куыстуæгъды аххосæн рабæззыдаит.

Хæлиу кодта æмæ абон дæр   хæлиу кæны  æркуырд  сæрмагондæй  мæн, куыд Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы  сæрдары,  ома хуыздæр уыдиат  ацыдаин.  Æвзæрстыты  фæудæй уайтагъддæр  лæууыд ацы  æркуырд. Фæнды мæ  уый тыххæй   зæгъын, нæдæр  æвзарæнон дауты процессы централон  æвзæрстгæнæн комиссийы æмæ нæдæр   фæдæвзарæг  комиссийы  абоны  уавæрæй  иунæг  аргумент æмæ бæлвырдгæнæн дæр нæ уыд бавдыст.

Уыцы уавæрты,  аргументтæ æмæ  бæлвырдгæнæнтæ бавдыст куы не сты,  æхсæнадæмон организацитæ  æвзæрстытæ легитимоныл куы банымадтой,  хъуыды кæнын, цæмæй  кæцыфæнды  фæдылдзог администрацийæн, кæцы гæнæн ис  ЦÆК-ы кæнæ облæстон  æвзæрстгæнæн комиссийы къухдариуæггæнæг уа,  тынг æвзæр месидж уыдаит, цæмæй   политикон  æркуырды æмæ  фæндоны тыххæй, исчи йæ куыстæй  ацæуа.  Адæймæгтæ сæ  постытæй сæхи гæнæн ис  сисой  сæ фæндонмæ гæсгæ, бæлвырдгæнæнтыл æнцойæ,  æмæ нæй гæнæн  уый саразын искæй политикон фæндонмæ гæсгæйæ» –  райхъусын кодта  Тамар Жваниа.