Тамар Хулордава - Евросоветы парламентон ассамблейыл райсгæ фæстиуæг у стыр æнтыст Гуырдзыстонæн
Тамар Хулордава - Евросоветы   парламентон  ассамблейыл райсгæ  фæстиуæг у  стыр æнтыст  Гуырдзыстонæн

Евросоветы   парламентон  ассамблейыл райсгæ  фæстиуæг у  стыр æнтыст  Гуырдзыстонæн, Украинæйæн  æмæ алы уыцы  делегацийæн, кæцытæ бавдыст  проекты ныхмæ  уыдысты – уый фæдыл  Евроинтеграцийы комитеты  сæрдар  Тамар Хулордава   Евросоветы  парламентон ассамблейы   регламенты  ивды фæдыл  резолюцийы  проектыл ныхасы рæстæджы загъта, кæцыйы  автор фæстæмæ асидтис.

Тамар Хулордавайы  ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны  делегацийы активон  куыст баахъаз кодта  цæмæй  раныхасгæнæг  резолюцийы проект  фæстæмæ асидтис.

«Абон  кастæуыд  иттæг нысаниуæгджын,   махæн тынг  ахсджиаг   æмæ  риссаг  фарста. Афтæма зæгъдзынæн  цæмæй  уыцы  фæстиуæг  кæцы  райстæуыд абон,  у  стыр æнтыст  Гуырдзыстонæн, Украинæйæн  æмæ  алы уыцы  делегацийæн   кæцы парламентон ассамблнейыл  бавдыст проекты  ныхмæ  уыд.  Документ  йæ хъуыдыйы  дартта,  Уæрæсейы  æрдæм  санкцитæ  нысаниуæгджын бæрцæй  фæрогдæр кæнын.

Парламентон  ассамблейыл  ахæм ситуаци уыд,  процесстæ афтæ ацыдысты, æмæ  проектæн  бирæ ныхмæлæууæг разынд. С æ нымæцы Гуырдзыстоны  делегацийы  æрдгæй дæр.  Тынг   райгонд  дæн  цæмæй  нæ  делегацийы  активон   куыст  ахъаззаг уыд   раныхасгæнæгæн  йæ сæрмагонд проект фæстæмæ   ахастаит.  Уымæй  бæрæг у, цæмæй   фидæн иу  афæдзы  дæргъы,  ацы фарста  нал æрыздæхдзæн   парламентон   ассамблейы  æркæсинаг фарстаты  ранымадмæ»-  райхъусын кодта Тамар Хулордава.

Евросоветы  парламентон  асамблейы   регламенты  ивды фæдыл резолюцийы   проекты  автор  фæстæмæ  асидтис.  Инициативæйы автор  бельгиаг   Петра  де Сутер уыд.  Афтæдæр йæ   æркуырдæй,   резолюцийы проект   æрыздæхдзæн   комитетмæ.

Тамар Чугошвили  ма хъуамæ бауадзæм прецедент, цæмæй бæстæйы, кæцыйы Евросоветы хæслæвæрдтыл нæйы сиды, хъауджыгондæй ахадынц.Уый фæдыл Евросоветы парламентон ассамблеайы ныхасæй рацыды рæстæджы Гуырдзыстоны делегацийы уæнг Тамар Чугошвили расидтис.

Уæрæсейы   делегацийæн  Евросоветы  парламентон  ассамблейы   хъæлæсы бар, 2014 азы  ХЪырмы анексиæй  тыххæй   байстой. Фæстæдæр Уæрæсе   организацийы  куысты  хайад райсыныл  æмæ  уæнгон фидтон бафидыныл  нæзагъд скодта.