Тамар Габуниа -  вирусы хæлиукæнынадæн ахъаззаг у  мобилондзинады бæрзонд бæрæггæнæн, фæнды цæугæ акцитæ дæр, стыр хъусдард хъæуы  ацы æрдгæй
Тамар Габуниа - вирусы хæлиукæнынадæн ахъаззаг у мобилондзинады бæрзонд бæрæггæнæн, фæнды цæугæ акцитæ дæр, стыр хъусдард хъæуы ацы æрдгæй

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг  Тамар Габуниайы  фидиуæнæй, зæгъгæ бæстæйы  эпидуавæр  фæфыддæрдæри, уымæн æмæ бæрæгхайæ мобилондзинады рæзтимæ у баст.

Координацион  советы фæстæ  лæвæрд брифингыл  æнæнизхъахъхъæды  министры хæдивæг  куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ,   эпидуавæры  фæхуыздæр кæнынæн, æнæмæнгхъæугæ у мобилондзинад фæкаддæр кæнын æмæ вакцинацийы программæйы активизаци.

«Мæлынады  бæрæггæнæн фæкаддæр уыдзæн, кæд фæкаддæр кæндзыстæм  инфицирады бæрæггæнæн. Абон сæйраг  у уый, цæмæй  исты амæлттæй бафæразæм  вирусы  ахæлиу  фæуромын.  Эпидуавæры ахæм бæрзонд бæрæггæнæны ахъаззаг,  кæй зæгъын æй хъæуы, у  мобилондзинады  бæрзонд бæрæггæнæн. Фæнды цæугæ акцитæ дæр.  Алчи æмбарæм, цæмæй  уый, кæй зæгъын æй хъæуы,  къухаразæг у  вирусы хæлиукæнынадæн.  Абоны  уавæрты  ацы æрдæмадæй дæр хъуамæ хъуыды кæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы,  хъуамæ  фæактивондæр кæнæм  вакцинацийы программæ», –   райхъусын кодта Тамар Габуниа.