Тамар Габуниа -  Вакцинацийы бæрæггæнæнтæй лидер у Тбилис, цы ран ныридæгæн, æххæстаздзыд цæрджыты 60 процентæй фылдæр вакцинацигонд сты
Тамар Габуниа - Вакцинацийы бæрæггæнæнтæй лидер у Тбилис, цы ран ныридæгæн, æххæстаздзыд цæрджыты 60 процентæй фылдæр вакцинацигонд сты

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæгы Тамар Габуниайы фидиуæнæй,   зæгъгæ нæкæсгæ уымæ, цæмæй  фæстаг бонты  дæргъы  бæстæйы  вакцинацийы темп  фæсындæгдæри,  иуæй-иу районты  вакцинацийы  бæрæггæнæн   хæрзбæрзонд у.

Тамар Габуниа журналисттимæ  ныхасы  куыд райхъусын кодта, афтæмæй, ныридæгæн Тбилисы цæрджыты 60%-æй фылдæр вакцинацигонд сты.

«Иуæй-иу районты  тынг дзæбæх у вакцинацийы  темпы бæрæггæнæн.  Тбилис лидер у. Тбилисы  нырид  æххæстаздзыд  цæрджыты  60  процентæй  фылдæр  вакцинацигонд сты, фæлæ  уый  зæгъын нæ бон нæу  æндæр регионты тыххæй», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.

Фарстыл  ныхасы рæстæджы  æнæнизхъахъхъæды  министры хæдивæг  банысан кодта, цæмæй   сæрмагонд  хъусдард хъæуы  вакцинацийы  ныллæг  бæрæггæнæн кæй ис  карджын  æмбæстæгты æхсæн.