Тамар Габуниа  нæ цух кæны уый, цæмæй  «PCR» тест æнæмæнгхъæугæ бауа  уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ туристтæн дæр
Тамар Габуниа нæ цух кæны уый, цæмæй «PCR» тест æнæмæнгхъæугæ бауа уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ туристтæн дæр

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг  Тамар Габуниа  нæ цух кæны уый цæмæй  уынаффæ  ногæй æркæсой æмæ   «PCR» тестæй басгæрст  уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ  туристтæн дæр æнæмæнгхъæугæ  бауа.

«Сурзæххæй  æрцæугæ  уæнгтæ   цыфæнды цауы  тестæй  басгæрсты дæлбар сты,   ницы уæлдай у сæ вакцинацийы  статус.  Нырма  уæлдæфонфæндагæй  æрцæугæ  туристтæ, кæцытæ  фылдæр цауы  абаргæйæ  ныллæг рискы  бæстæтæй  æрцæуынц, бæстæмæ арбахизынц  æнæмæнг тестæй  басгæрстæй  уæгъд, фæлæ  уый фæдыл дæр цæуы  уынаффæ æмæ, гæнæн ис,  эпидемиологион уавæры æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæйæ, ацы  уынаффæ  дæр ногæй æркæсæм  æмæ  уæд универсалон  æркуырд, куыд сурзæххон, афтæ  уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ  туристтæн дæр.  Нырма  ис  хъауджыдæргонд  режим –  сурзæххæй æрцæугæйæн æнæмæнгæй  хъуамæ  уа  «PCR» тест, уæлдæфон фæндагæй æрцæуынц  æххæст вакцинацигонды статусы æвдисæндаримæ», – банысан кодта  Габуниа.