Тамар Габуниа - Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  марты  кæронæй реалонæй нæ бон бауыдзæн  цæмæй  «Астразенекайы» вакцинæйæ   райдайæм вакцинаци
Тамар Габуниа - Мæ хъуыдымæ гæсгæ, марты кæронæй реалонæй нæ бон бауыдзæн цæмæй «Астразенекайы» вакцинæйæ райдайæм вакцинаци

Æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæг Тамар Габуниайы  аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны коронавирусы ныхмæ  вакцинацийы  процесс   марты кæронæй  райдайдзæнис.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  марты  кæронæй  реалонæй нæ бон бауыдзæн,  цæмæй  «Астразенекайы»   вакцинæйæ   райдайæм вакцинаци.  Гæнæн ис  «Pfizer» дæр нæм æрхæццæ уа  уæдмæ.  Апрелы  ауæрæхдæр уыдзæн  уымæн æмæ уæлæмхас дозæты  æнхъæлц нæм ис», –   банысан кодта Тамар Габуниа.

Габуниайы дзырдæй, зæгъгæ  низты контролы  центр  къуырийы кæронмæ  бафиддзæн  суммæ «Астразенекайы»  фыццаг дозæтæн, кæцы этапгай  æрцæудзæн бæстæмæ.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон «Астразенекайы» вакцинæ «UNISEF»-ы механизмы  æххуысæй  æлхæны.