Тамар Чугошвили – Тугтæрхоны  барады фыдракæнды нысæнттæ  куы фæбæрæг вæййынц, уæд  æндæр æмæ æндæр проекттæ  иммунитетæй  не суыдзысты  иуæнг гоймагæн дæр
Тамар Чугошвили – Тугтæрхоны барады фыдракæнды нысæнттæ куы фæбæрæг вæййынц, уæд æндæр æмæ æндæр проекттæ иммунитетæй не суыдзысты иуæнг гоймагæн дæр

Бæрзонд стандартæй,  æнæдызæрдыгæй тугтæрхоны барады фыдракæнды нысæнттæ  куы фæбæрæг вæййынц, æмæ  уый  сбæлвырд кæны тæрхондон, уæд æндæр æмæ æндæр   проекттæ  иммунитет никуы бауыдзæн иунæг гоймагæн –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны парламенты  вице-спикер, Тамар Чугошвили  «ТВС Банкъы»  бындурæвæрæгы  Мамука Хазарадзейы  æмæ  Бадри Джапаридзейы  фарстайыл  комментарийы  рæстæджы райхъусын кодта.

Тамар Чугошвили куыд банысан кодта  афтæмæй,   Анаклиайы  порт нæ искæцы  компанийы, консорциумы  кæнæ искæцы  хицæн гоймагы   проект,  ай у паддзахады  тынг  нысаниуæгджын   стратегион проект.

«Анаклиайы  проект у паддзахады   закъаз, цæмæй  райрæза бæстæйæн  уадзынхъомад  æмæ уымæ гæсгæйæ,  транзиты  фадæттæ, кæцы нæ   экономикæйæн  у нысаниуæгджын. Анаклиайы  проекты фарстайы афтæ бавдисын цæвиттон уый у  иу  компанийы, кæнæ   иу  гоймагы, фæнды цалдæры дæр,   гæнæн нæй.  Ай у  падздахадон  проект æмæ паддзахад  алы  этапыл максималонæй архайдта, компанитæн сæ къух саразын,  кæцытæ  проекты æххæстгæнджытæ сты.  Анаклиа  никæй сæрмæмулкъ у.

Цыдæриддæр та   конкретон   тугтæрхоны барады  фарстамæ æххæссы,  кæцыйы  уадзы  прокуратурæ  æмæ  нырта  ахызт тæрхонон системæмæ,  ацы  хъуыддагмæ гæсгæ,  комментарийы  саразын  мын тынг зын уыдзæн, уымæн æмæ æз нæдæр  прокуратурæйы минæвар дæр  æмæ нæдæр тæрхондоны. Æз дæн парламенты  уæнг,  кæцыйæн  конкретон  тугтæрхоны барады хъуыддаджы тыххæй  информаци рæувадат нæу, уый тыххæй  дæр, ацы  темæйыл ныхас  мæ бон нæу.  Бæрзонд стандартæй, æнæгуызавæйæ тугтæрхоны барады  фыдракæнды нысæнттæ  куы  фæбæрæг вæййынц æмæ сæ  тæрхондон куы  сбæлвырд кæны, уæд  æндæр æмæ æндæр проекттæ  иммунитетæй  не суыдзысты  иунæг гоймагæн дæр. Кæд фыдракæнд  сæххæст кодта æмæ  гуырысхойаг нал у,  уæд цыфæнды куыст  нæ бауыдзæн иммунитет дæттæг», – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.