Тамар Чугошвили - Ис бирæ  цыдæр,  кæцыйы  тыххæй  бузныг хъуамæ зæгъæм Мамука Бахтадзейæн,ис дзы бирæ  аипп дæр
Тамар Чугошвили - Ис бирæ цыдæр, кæцыйы тыххæй бузныг хъуамæ зæгъæм Мамука Бахтадзейæн,ис дзы бирæ аипп дæр

Ис бирæ  цыдæр,  кæцыйы  тыххæй  бузныг хъуамæ зæгъæм Мамука Бахтадзейæн, ис дзы бирæ  аипп дæр, – загъта  журналисттæн  парламенты  фыццаг вице-спикер  Тамар Чугошвили.

Чугошвили хъусын кæны, цæмæй хицауадон ивдтытæм гæсгæ  деталон  информаци,  сом суыдзæн бæрæг.

«Барæй  уромæм нæхи  информаци развæлгъау  айхъусын кæнынæй,  цалынмæ  уыцы фембæлд нæ ацæудзæн,  кæцы  æнæмæнгхъæугæ у  ахæм информацийы  райхъусын кæнынæн.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   ис  бирæ цыдæр, кæцыйы  тыххæй  бузныг хъуамæ зæгъæм премьер-министрæн, фæлæ  аиппытæ дæр бирæ ис,  кæцыты  уынæм, æмтгæй  райсгæйæ  хицауады  куысты.  Мæнæн  бирæ  цыдæр фæбæрæг ис  уый фæстæ, регионты куы райдыдтам цæрджытимæ фембæлдтæ  æмæ дзы  разындысты цыдæр фарстатæ,  кæцытæн æцæгдæр хъæуы  сериозон хъусдард.  Фæлæ æндæр æмæ æндæр   программæтæ,  кæцытыл уый  куыста, сæ нымæцы  ахуырадимæ баст, ахуыргæнджыты  мыздимæ баст  æмæ а.д.  сты  тынг ахсджиаг  программæтæ, кæцытæ рабæздзысты нæ бæстæ рæзынады æмвæзадæн.  Вæццæгæн,  бирæ  ахæм  ныхасы зæгъæн ис,  фæлæ  та, хуыздæр у, йæхæдæг фæныхас кæна сæрмагонд  уынаффæйы тыххæй», – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.