Тамар Бачалиашвилийы  бинонтæ, Гиорги Гахариаимæ фембæлын курынц
Тамар Бачалиашвилийы бинонтæ, Гиорги Гахариаимæ фембæлын курынц

Фæмардуæвæг Тамар Бачалиашвилийы  бинонтæ æмæ  адвокат,  хъуыддаджы фæдагурджытимæ фембæлдысты.

Тамар Бачалиашвилийы  бинонты уæнгтæ   прмьер-министримæ фембæлын  курынц.  Фæмардуæвæгы  мады, Теона Тамазашвилийы  фидиуæнæй,   зæгъгæ  сæм бирæ фарст  фæзындис  хъуыддаджы тыххæй  æмæ сæ фæнды  премьерæй фехъусын, цæмæй  хъуыддаг  æнæмæнгæй  равзардзысты.

23 аздзыд  Тамар Бачалиашвилийы,  цалдæр бонон агуырды  фæстæ,  Тетрицъхъаройы   хъæды  мардæй ссардтой. Сæрыфыццагæй  хъуыддаг  рæгъмæ хаст æрцыд   æнæзакъонон æрцахсты статийæ, фæлæ  йын стæй  квалификацимæ  бафтыдтой  115-æм стати дæр,  кæцы  химарын тыхбын бакæнын  дары йæ хъуыдйы.

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты  министры уынаффæйæ,  Тамар Бачалиашвилийы марындзинады  хъуыддаг æвзары  централон криминалон  пъæлицæйы   департамент.