Тамар Бачалиашвилийы  бинонтæ æмæ хæстæджытæ, Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæварады раз акци ауагъдтой
Тамар Бачалиашвилийы бинонтæ æмæ хæстæджытæ, Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæварады раз акци ауагъдтой

Фæмардлуæвæг Тамар Бачалиашвилийы  бинонтæ æмæ хæстæджытæ, Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæварады раз акци ауагъдтой.

Тамар Бачалиашвилийы  фыд  Джумбер  Бачалиашвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   зæгъгæ акцитæ дарддæр кæндзысты  уæдмæ, цалынмæ  йæ  хъæбулы хъуыддагыл рæстдзинад нæ раргом уыдзæн.

«Ацы  хицауад  хъуамæ ныккæла,  нырид мард у.  Цалынмæ удæгас дæн  æмæ  рæстдзинад  нæ базондзынæн æмæ йæ нæ раргом кæндзынæн,  уæдмæ  акцитæ нæ бауромдзыстæм.  Ацы  хицауад мын ахæм хъæбулы амардта»,- дзуры  Джумбер Бачалиашвили.

Афтæма, фæмардуæвæгы мад, Теона Тамазашвили  хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ  йæ  хъæбулы  хъуыддаджы  фæдагуырдмæ  федералон бюро куы  нæ  баиу уа,  уæд  минæварады бæстыхайы раз  нæхæргæ  акци  райдайдзæн.

«Минæварады раз хъавын  нæхæргæ акци райдаын, æнхъæлмæ кæсын  æртæ боны.  Нырид  æрвыст у  официалон  фыстæг,  кæд «FBI»  нæ баиу уыдзæн хъуыддагмæ, уæд æз, Тамар Бачалиашвилийы мад,  æрбаддзынæн ам  æмæ  райдайдзынæн нæхæргæ  протестон акци уадзын», –  загъта  Теона Тамазашвили.

Бачалиашвили бинонты  уæнгтæ Гуырдзыстоны  Америкæйы Иугонд Штатты  минæваримæ, Келли Дегнанимæ  фембæлын курынц.

Акцийыл уыдысты змæлд «Сирцхвилиа»-ы   уæнгтæ  æмæ  Малхаз  Мачаликашвили.

23 аздзыд  Тамар Бачалиашвилийы,  цалдæр бонон агуырды  фæстæ,  Тетрицъхъаройы   хъæды  мардæй ссардтой. Сæрыфыццагæй  хъуыддаг  рæгъмæ хаст æрцыд   æнæзакъонон æрцахсты статийæ, фæлæ  йын стæй  квалификацимæ  бафтыдтой  115-æм стати дæр,  кæцы  химарын тыхбын бакæнын  дары йæ хъуыдйы.