Тайланды кæцы сывæллæтты фервæзын кодтой уыдон ахæлиу кодтой фыццаг видеосидт [видео]

Тайланды   кæцы сывæллæтты  фервæзын кодтой   уыдон ахæлиу кодтой  видеосидт, кæцыйы ныффытой  рынчындоны.  Мидеосидты  лæппутæ  дзурынц, цæмæй  ныр  сæхи  дзæбæх хатынц  æмæ  бузныг дзурынц  алкæмæн, чидæриддæр сæ фервзын кæнынын  операцийы  истой  хайад,  афтæдæр бузныг дзурынц   сæ сæрхъуызойтæн.

Видеосидтæй фæбæрæг,   цæмæй  лæппутæ  ерын сеппæтæй тыхджындæр бæллынц  тайландаг   хæринæгтæм, сæрмагондæй  та  фых  фыдмæ,  фæлæ  нырма   карз  диетæйыл  сты.

Абон  афтæдæр фæбæрæг ис, цæмæй  уыдон  дунейы  Чемпионаты  финалмæ   комкоммæ эфиры  нæ  кæсынц  æмæ  фæстæдр  ныффыфст фендзхысты   зæгъгæ.  Дохтыртæ дзщурынц, цæмæ й  хъазт  Тайланды рæстæгæй   тынг рæгмæ  уыдзæн  æмæ сывæллæттæн та  зæгъгæ фынæй  æнæмæнгхъæуæг у зæгъгæ.

11-æй 16 азы онг кары   12  æнахъомы  æмæ сæ  25 аздзыд   тренер, 23  июны  фæтар сты.  Уыдон   Тайланды цæгаты   уæвæг  Тхам  Луангы  лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы   тæркъæвда рауарыд,  лæгæт  донæй  байдзаг  æмæ  къорд   лæгæтæй   æддæмæ рацæуын нал  бахъом  ис.  Æрбайсæфтуæвлджыты  фараст боны фæстæ    лæгæты    мидæг  бацæуæнæй   цыппар километры  дæрццæг   ссардтой.