Тайланды базарадон центрмæ бырсæгы барадхъахъхъæнджытæ спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой
Тайланды базарадон центрмæ бырсæгы барадхъахъхъæнджытæ спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой.
Бырсæгы нейтрализацийæн, операцийы пъæлицæйы æмæ æфсады специалон нысаниуæгы балтæ иуæймагæй æххæст кодтойю
Ликвидацийы онг, гарзджын бырсæг, горæт Нахон Ратчасимайы базарадон центры 26 адæймагы амардта.
Базарадон центры бæстыхайы цалдæр сахаты дæргъы æхстыты фæстиуæгæн фæцæф ис 63 адæймаг.
Тайланды æфсады 32 аздзыд капрал, йæ командиры æмæ ноджы дыууæ æндæр адæймагы æфсæддон базæйыл амардта.
Уый фæстæ, æхсæнгарз аскъæфта æмæ базардон центрмæ бацыды онг, горæты фæйнæрдæм æхста.