Тæрхондон Гиорги Руруайы  ахсты ныууагъдта
Тæрхондон Гиорги Руруайы ахсты ныууагъдта

Тбилисы   горæты тæрхондон,  æхсæнгарзы  æнæзакъононæй  балхæд-бавæрды- хæссыны  аххосагæй  ахст Гиорги Руруайы  хъуыддажы  кæст цæуы.

Рабадтыл  иргъæвæг фарс  зылынмæ лæвæрдæн  æвхæрды амал, ахст  цъындыйæ фæивыны  куырдиат бавдыста.  Иргъæвæг фарс  цъындыйы  суммæйæ  10 000  лары банхъарыд.  Фæлæ тæрхондон  йæ  зæрдыл нæ бадардта  адвокатты  куырдиат.

Гиорги Руруайы ивгъуыд азы  18  ноябры  æрцахстой. Фæдагуырд  Руруайы  тугтæрхонды барады  юридикъон кодексы  236-æм статийы  æртыккаг æмæ цыппæрæм    хайæ  бæлвырд  фыдракæнды  зылынджын кæны, кæцы  йæ  хъуыдйы  дары  æхсæнгарзы  æнæзакъононæй  балхæд-бавæрд-хæссын.