Сылгоймæгты æрдæм æмæ бинонты тыхмидзинад гæнæг  гоймæгтыл план кæны электронон цæстдарынад сæххæст кæнын
Сылгоймæгты æрдæм æмæ бинонты тыхмидзинад гæнæг гоймæгтыл план кæны электронон цæстдарынад сæххæст кæнын

Сылгоймæгтæм  тыхмидзинады æмæ  бинонты æхсæн  тыхмидзинад гæнæг  гоймæгты  æрдæм элеткронон  цæстбарынады  сæххæст  план кæны.  Æмбæллон   закъондæттæн  ивдтытæ  мидхъуыддæгты министрад  æрцæттæ кодта,  кæцы парламенты  бюройы   абоны  рабадтыл  бавдыст уыдзæн.

Закъонопроекты мидæг банысангонд у, цæмæй  электронон   цæстдарынады сæххæст  бауадзинаг уыдзæн  æрмæст бæрæг рæстæгмæ  мадзæлтты сæххæст сифтонг кæныны нысанæй,  кæд æмæ тыхгæнæгы æрдгæй  ис  тыхдзинад сфæлхат кæнын рискъ.  Афтæма проектæй   конкрет  цæуы, цæмæй   электронон цæстбарынад  гæнæн ис,  уагæвæрд æрцæуа уромæг ордер радæттыны рæстæджы, афтæдæр кæцыфæнды рæстæджы,  уромæг ордеры архайды  периоды. Электронон цæстдарынад та  сыххæст уыдзæн   уромæг ордеры  архайды  æмгъуыдæй,  кæцы  нæ  уыдзæн иу  мæййæ  фылдæр.

Ивдтытæ  зæрдыл даргæйæ, протоколæй бæрæг  тыхгæнæгæн  тобæгонд  бынæттæй дарддæр,   кæцыфæнды æндæр территорийыл тыхдзинады æмæ амæттагмæ æнæнхъæлæджы хæстæг бацыды  рæстæджы «112»-ы  кусæгмæ  ис бар,  фæдзуры амæттагмæ/тыхгæнæгмæ  æмæ сæ æрдома  ткерртори  ныууадзын  цæмæй  сæ æнæнæхъæлæджы  фембæлдæй аиуварс кæныны нысанæй.  Закъонопроектæй  бæрæг у  цæмæй  электронон  цæстдарынады  барæй  хиаиуварс кæнын  расайдзæн  туртæхоны барады  кодексæй бæрæг  бæрн.

Уæлдæрбанысангондæй  дарддæр, проектæй  иргъæвæг  ордеры æмгъуыд рæзы æмæ   æхсæз мæйы бæсты, хъахъхъæнæг ордеры алæвæрд  гæнæн уыдзæн фараст мæйæ.