«Светицховлобайы» бæрæгбонмæ гæсгæ, Мцхетайы  бæрæг уынгтыл   автотранспорты змæлд  æмæ паркинг  арæнæвæрд æрцыд
«Светицховлобайы» бæрæгбонмæ гæсгæ, Мцхетайы бæрæг уынгтыл автотранспорты змæлд æмæ паркинг арæнæвæрд æрцыд

«Светицховлобайы»тфххæй  Мцхетайы  бæрæг уынгтыл   автотранспорты змæлд  æмæ паркинг  арæнæвæрд æрцыд –  уый фæдыл   мидхъуыддæгты  министрады    фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«Мидхъуыддæгты министрады  патрулон  полицийы   департамент уын хъусын кæны, цæмæй  «Светицховлобайы» бæрæгбонмæ гæсгæ,  æхсæнадон сæрфад æмæ  æдасдзинад бахъахъхъæды нысанæй, 14  октябры, 07:0 сахатæй,  20:00 сахаты онг, Мцхетайы бæрæг уынгтыл автотранспорты змæлд æмæ паркинг уыдзæн арæнæвæрд.

Автотранспортон фæрæзты  змæлд  арæнгонд у Мцхетайы бацæуæны, Мцхета-Ларсы  автомобилон фæндаджы 19-æм километрыл. Автомобилæй  змæлд  гæнæн  уыдзæн  аратагифтонгггæнæг  станцæ «Ромпетролы»  цур  уæвæг пандусы фæрцы, фæзилæн фæндагæй.

Бæрæгбоны фæуды фæстæ автотранспорты  змæлд  Мцхетайы æнæхъæнæй  сног удызæн» –  дзырдæуы  МХМ-ы фидиуæны.