Сусæг ныффыстыты  фæдыл «Гуырдзиаг Бæллицц»  ахæлиу кодта фидиуæн
Сусæг ныффыстыты фæдыл «Гуырдзиаг Бæллицц» ахæлиу кодта фидиуæн

«Гуырдзиаг  Бæллицц- Демокративон Гуырдзыстон» знон  иуæй-иу  теле-эфиры  ацæугæ  суссæг ныффыстытæм  гæсгæ фидиуæн аразы.

Фидиуæны  уын æнхъарæм æнæивгæйæ:

«Знон, иуæй-иу партион телеуынынады эфиры æхсæнад федта  æмæ фехъуыста  2010-2011  азты  æнæзаконон ныффыстыты   гуырымыхъхъ  фабрикаци. Публикацигонд  фæмæнггонд  ныхас у  куыд минимум цалдæр мæйы  дæргъы, дæсгай ныффыстытæй ист  ныхæстæ æмæ фразæтæй.  Ай у «Националон  Змæлды»  хицауады рæстæджы  (Бидзина Иванишвилийы  политикæмæ æрбацыды размæ) «куд»-ы (конституцион æдасдзинады департамент) дыууæ  хисæрмагонд гоймагы  æхсæн  æнæзаконон ныффысты гуырымыхъхъ  фабрикаци, кæцыйы  иу æрдгæй  лæууы  хæрзаудæн фонд «Картуйы»  президент Ираклий Гъарибашвили, иннæ рдгæй та, æнахъом Бера Иванишвили, фæлæ  нæдæр ахæм ныффысты  публикацийæ фефсæрмы кодтой.  Уыдон, ныфссасты  ахæм равдыстæй,  ноджы фыддæр куынæг кæнынц  сæхи,  уымæн æмæ  цивилон  дунейы  ахæм, советон  №кагебейы»  методтæй  архайын  абсолютонæй  аморан æмæ нæрайсгæ у.  Æнæзакъонон байхъусыт, цы ехъустай уый бавæрын,  монтаж-фабрикаци, уымæй  спайда кæнын,  тыхмидзинад, марындзинад æмæ а.д.   «Националон Змæлды»  къухфыст у. «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ  йæ лидерты тыххæй куы зæгъæм,  уыдон ахæм  методтæй  нæ архайдтой  нæдæр политикæмæ æрбацыды онг  æмæ  нæдæр   политикæмæ æрбацыды фæстæ.

Ныффыстыты фабрикаци, бæрæг куыд у афтæмæй,  устыр рæстæджы  куысты фæстиугæн  арызт,  лæмбынæг монтажгонд æмæ  «хъæугæ моментмæ» æвæрд.  Дыууæ боны размæ  публикацигонд æрцыд  OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн  æмæ  тынг позитивон  хтадзæг  2020 азы  парламентон æвзæрстыты  фæдыл.  Ацы рæстæджы  Европаг Советы президент  Шаоль Мишель  йæхимæ райста  медиаторы роль, кæцы  цæй зæгъын æй хъæуы æрдзон у,  процессы деэскалацийы æмæ бадзырдты конструктивон  режимы адарддæр кæныны гарантæй хъуамæ  уыдаит.  Бæрæг куыд у афтæмæй,  растдæр ацы  фактортæ  æмæ   бадзырдты  фæкъуыхцыйы  нысанæн,  фæмæнггонд ныффыстыты  публикаци скодтой.  Радикалон оппозицийы фæнды  ацы ныффыстытæй спайда кæнын  бадзырдтыл нæзагъд ракæныны æфсонæн, æмæ уынæм  цавæр ног кампани  райдыдтой, кæцыйæн перспективæ иу хуымæтæг  аххосы тххæй  нæй –  уый у гæдыдзинадыл æнцойæвæрд.

Сæ ахæм митæм нæкæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллицц»  нæй зæгъгæ никуы  зæгъдзæнис  конструктивон  æмæ  падзахадмæ æмблгæ  уагахастыл.  Уый тыххæй дæр, цæттæ стæм диалог адарддæр кæнын,  кæцымæ нæм сидынц  нæ æхсæнадæмон партнертæ» –  дзырдæуы  фидиуæны.