Сухумы басастæй 28  азы  рацыд
Сухумы басастæй 28 азы рацыд

Сухумы  басасты бонæй 28 азы рацыд. Æфсæддон   быцæудзинад  Абхазы 1992 азы  14 августы  райдыдта.  Конфликт  гуырдзиаг хицауады æфсады æмæ абхазаг сепаратистты  æхсæн 13 мæйы æмæ  13 боны аххæссыд.  «Æхст фæурæды æмæ  тыхты кæрæдзийæ фæхицæны фæдыл» бадзырд халгæйæ  ныхмæлæууæгæн бантыстис Сухум бацахсын.

Уырыссаг, цæгаткавказаг  æмæ   казакты  иугæндтæ  Абхазы  министрты советы  бæстыхаймæ штурм бахастой  27 сентябры  сæумæрайсомы æмæ  уацар скодтой  Абхазы  министрты советы  сæрдар Жиули Шартавайы, горæт Сухумы  мэры æмæ  министрты  советы 27  кусæгы.  Уацайрæгты,, кæцытæ Сухум нæ фæуагъдтой æмæ нæ рацыдысты,  ныццагъдтой.

Гуырдзиаг фарс ац афонмæ уæвæг æнæбæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,  10 000-æй фылдæр  гуырдзиаг æфсæддон æмæ   сабырадон цæрæг  амард.  Абхазæй лигъдонæй фестад  300 000 адæймаг.

Сухумы басасты 28-æм азысæрмæ гæсгæ, хъайтарты мемориалмæ дидингуытæ бахæсдзысты   æмæ Абхазы хæсты  фæмардуæвджыты  ном ссардзысты Гуырдзыстоны хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, æндæр æмæ æндæр политикон  партиты лидертæ.