Стыр Британийы  Лордты  Палатæ, Брекситы тыххæй  дæллаг палатæйы райст бадзырд сфидар кодта
Стыр Британийы Лордты Палатæ, Брекситы тыххæй дæллаг палатæйы райст бадзырд сфидар кодта

Стыр Британийы   парламенты   Лордты  Палатæ   Брекситы  фæдыл   дæллаг палатæйы  райст  бадзырд   сфидар кодта.  Афтæмæй   ныридæгæн ис  гæнæн   документы  Успаддзахмæ  арвитын.

Лордты  Палатæйы сæрыфыццагæй  бадзырдмæ  барастытæ  бахæссыны  инициативæйæ  рацыдысты, фæлæ  палатæ   ивдтытимæ не сразы  ис,  цæй фæстæ дæр  Уæллаг Палатæ   сразы  ис  документ æнæивгæйæ   сфидар кæнын.

«Дзырд раттам, цæмæй   Брексит сыххæст кодтаиккам  æмæ  Евроцæдисæй 31  январы  нæ рацыды фæндагыл  лæууæм», –  ныффыста социалон хызаг «Твиттеры»   Брекситы   фарстаты  нымæрдар  Стивен  Баркли. Ныр  Лондоны æмæ   Брюсселы  æхсæн   Брекситы  фæдыл    бадзырды ратификаци  европаламент  хъуамæ  скæна. Æнхъæлмæ кæсинаг  куыд у  афтæмæй,   хъæлæскæнынад  гæнæн ис  29  январы  рабадтыл ацæуа.