Стыр Британи, Германи æмæ Франц, хъавынц Иранимæ ног бадзырд бафыссын
Стыр Британи, Германи æмæ Франц, хъавынц Иранимæ ног бадзырд  бафыссын

Стыр Британи, Германи æмæ Франц, Иранимæ  ног  бадзырд  баххæст кæнын  нæ  цух  кæнынц.  Уый фæдыл  дзырдæуы  коммюникейы, кæцыйы æртæ бæстæйы   хицауадты сæргълæуджыты  телефонон ныхасы  фæстæ, публикаци скодта  Стыр Британийы   премьер-министр.

Документы мидæг хаххгондæй  банысангонд  у  2015 азы  Иранимæ  æвæрд бадзырды  нысаниуæг,  фæлæ  ацы  рæстæджы  афтæдæр дзырдæуы,   цæмæй  ис  гæнæн йæ  фæхуыздæр кæнын.

«Цæттæ стæм  адарддæр кæнæм кусын  АИШ-ы  хицауадимæ иумæ,   цæмæй  аскуыддзаг кæнæм Иранимæ  баст проблемæтæ.   Лидертæ  сразы  сты, цæмæй  ис ахæм моменттæ, кæцытæм  уæвæг бадзырд  не æххæссы  æмæ  кæцыты  аскуыддзаг кæнын  хъæуы, уый нымæцы баллистикон  ракетæтæ.   Афтæдæр уый æмæ цы æрцæудзæн   уæвæг бадзырды æмгъуыд авигъуыды фæстæ,  афтæма Ираны  дестадилизацигæнæг  роль регионы» –   дзырдæуы Францы, Стыр Британийы æмæ Германийы   лидерты  иумæйаг   фидуиæны.

Бакой уын кæндзыстæм,   Иранимæ  атомон бадзырд  æвæрд æрцыд  2015 азы.  АИШ-ы  президент, Дональд Трамп, бадзырды ногæй æркæсын домы.   Æндæр цауы  та бадзырдæй  АИШ-ы  рацæуынæй  æртъхъирæн кæны.