Страсбургы Тæрхондон  ахицæн кодта, цæмæй  2008 азы  ахст  Нодар Гогаладзейы æрдæм  хъизæмарæн уыд бынат  æмæ Гуырдзыстоны паддзахадæн бахæс кодта 6 000 евройы бæрц  компенсаци бафидын
Страсбургы Тæрхондон ахицæн кодта, цæмæй 2008 азы ахст Нодар Гогаладзейы æрдæм хъизæмарæн уыд бынат æмæ Гуырдзыстоны паддзахадæн бахæс кодта 6 000 евройы бæрц компенсаци бафидын

Адæймаджы  барты  европаг тæрхондон   Нодар Гогаладзейы  хуъыддагыл  адæймаджы   барты  Европаг конвернцийы   æртыккаг  статийы  хæлд  рабæрæг кодта, кæцы  хъизæмары, æнæадæймагон  ахаст кæнæ джелбет æфхæрæн   ахаст кæнæ  æвхæрд дары  йæ  хъуыдыйы.  Уынаффæ   Страсбургы  тæрхондоны  веб-фарсыл  цалдæр минуты размæ æрцыд публикацигонд.

Афтæма,  Страбургы  тæрхондон хъæугæйыл банымадта   тæрхонон   хъахъхъæды   эффективон   фæрæзы  бары  фæдыл конвенцийы  13-æм  статиимæ баст  хъасты  æркæсын.

Уымæй  дарддæр ма,  адæймаджы  барты   европаг тæрхондон   Гуырдзыстоны  хицауадæн   кæронбæттæн  уынаффæйы   публикацийæ   æртæ  мæйы   дæргъы  хъастгæнæгæн компенсацийы  хуызæй  6 000  евро  бафидын бахæс кодта.  Страсбургы  тæрхондон  хъастгæнæджы  æрдгæй  компенсациы фæдыл   æндæр куырдиæттимæ не  сразы ис.

Фæнысанкæнинаг у, цæмæй Гогаладзейы иргъæвæг фарс   компенсацийы  хуызæй  50 000  евро  æмæ  растæвзаринады  процессы  хардзтæ бамбæрзын домтта.

Нодар Гогаладзейы  Борджомы пъæлицæй  2008 азы æрцахста.   Хъастгæнæг хъусын кодта, цæмæй  йæ пъæлицæйы  хайады  фыднад скодтой.