Страсбургы  тæрхондон Вазагашвилийы  хъуыддагыл  паддзахадæн  стæрхон кодта50 мин евро бафидын
Страсбургы тæрхондон Вазагашвилийы хъуыддагыл паддзахадæн стæрхон кодта50 мин евро бафидын

Страсбургы адæймаджы барты  Европаг тæрхондон  Вазагашвилийы хъуыдагыл   паддзахадæн стæрхон кодта   50 мин евройы  бафидын.

Страсбургы  тæрхоныскъуыды  банысангонд куыд у афтæмæй,   паддзахад   хъуамæ   бафида  хъастгæнæгæн  æртæ  мæймæ  50 мин   евро  уæлæмхас фидинаг,  кæцы гæнæн ис,  уа  æрхæсгæ æнæматериалон зианы  компенсаци.

2006 азы 2  майы   Тбилис,   раздæры  кортты   территорийыл  уагъд  спецоперацийы  фæстиуæгæн Зураб Вазагашвили  æмæ Александре  Хубулов фæхъуыдысты.  Уæд рæстæгон фæдæвзарæн  райхъусын кодта, цæмæй   «спецоперацийы  рæстæджы  криминалон   къорды   уæнгтæ фæмардысты», кæцы  дзыллæйы мидæг протест расидтис.   Кортты  хъуыддаджы ногæй равзарыны  æркуырдæй,   æнæ иу протестон  акци   ацыд.  Страсбург   хъасты райста 2007 азы  кæрон.

2015  азы   Гуырдзыстоны сæйраг   прокуратурæ а.х.  кортты цур ауадзгæ   спецоперацийы   хъуыддаг  кондыл æмæ  барæй  марындзинады,  бæлвырдгæнæнты фальсификацийы  æмæ   барæй æнæзакъонон   ахсты  аххосагæй  11  раздæры  æмæ архайæг пъæлицæйагы  æрцахста.  Тбилисы  сахарон тæрхондон  уыцы  аз,   Ираклий Пирцхалава æмæ Гиорги  Цаадзейæн   фæйнæ  12  азон ахст стæрхон кодта, æрмæст Тбилисы   спецназы  раздæры хистæр Каха Накъанийæн, йæ  аххосагы  квалификаци ивд æрцыд  æмæ  йын фæстагмæ  стæрхон кодтой   6 азы  æмгъуыдæй  ахст.  Леван  Беродзейæн æртæ  азон ахст  стæрхон кодтой,  Григол Квиникадзейæн  та  цыппар  аз æмæ æхсæз мæйæ.  2017 азы аппеляцион тæрхондон   тæрхоныскъуыд æнæивгæйæ ныууагхдта.

2015  азы   райдианы Зураб Вазагашвилийы  фыд Юрий Вазагашвилийы  йæ  хъæбулы  ингæныл спырх кодтой.   Хъуыддагыл ,  уæззаугæнæг  уавæрты  барæй   марындзинады  аххосагæй   пъæлицæйы  кусæг  Гиа Сосанашвилийы æрцахстой.