Стокгольмы теракты æххæстгæнæг Рахмат Акилов басастис аххосагыл æмæ Исламы Паддзахадимæ бастдзинадыл
Стокгольмы теракты æххæстгæнæг Рахмат Акилов басастис  аххосагыл  æмæ  Исламы Паддзахадимæ бастдзинадыл

Стокгольмы теракты æххæстгæнæг  Узбекистаны æмбæстаг,  Рахмат  Акилов  басастис  йæ  фыдракæндыл.

Швециаг  тæрхондоны  рабадтыл  уый  рахъусын кодта,  цæмæй  барæй  баскъæрдта  хæдтулгæ   фæндаггонтæм,  цæмæй «йæ хайбавæрд бакодтаит»  террористон организаци  «Исламы  Паддзахадæн» æххуысы хъуыддаджы.   Акиловы ныхæстæм гæсгæ, уый фæндыд, цæмæй Швеци   мауал арвыстаит йæ æфсæдды   æмæ  æхца  Исламы Паддзахады ныхмæ   хæцынмæ.

7 апрелы  Стокгольмы центры,  Рахмат Акилов   давд   уæзласæн  хæдтулгæ   баскъæрдта  фæндаггонтæм.  Йеуæд фæмардысты 5 адæймаг, нлджы 15 та уæззау зиæнттæ  райстой.  Узбекистаны 39 аздзыд   æмбæстæгы тæрхоны процесс райдыдта  13  февралы.  Тæрхоныскъуыд  куыд æнхъæлынц афтæмæй,  хаст æрцæудзæн  июны кæронмæ.  Прокуратурæ  домы Акиловæн  æнусон ахст стæрхон кæнын.