Стъепанцъминда хаст æрцыд, Дунейы сеппæтæй  ави  чысыл цæрæн рæтты номхыгъдмæ
Стъепанцъминда хаст æрцыд, Дунейы сеппæтæй ави чысыл цæрæн рæтты номхыгъдмæ

Дунейы  йæ аивдзинадæй  æвзæрст  чысыл   цæрæн  рæтты  номхыгъды  Thrillist.com Стъепанцъминда бавдыста.  Рауагъдады  хъусинагæй,  ацы  рæттæм ацæуын   æрмæст автомобилыл  кæнæ  къавæндагæй  ис  гæнæн æмæ  цаутæ чи уарзы,  уыдон æнустæм зæрдæскъæфт фæуыдзысты.

«Архитектурæ æмæ  æрдзон аивдзинад  стæмты  вæййынц  афтæ гармонион.  Уæ  цæст  ахæсдзытут   цыппæрдæсæм æнусы   Гергетъийы   аргъуаныл,  кæцы цæрæн  пункты  уæлдæр  хохы  цъуппыл ис.   Сæ фоныл  та, зыны Хъазыбеджы  хоз. Æрдзон  аивдзинадæй  уæлдай, Стъепанцъминда  диссаджы  лагер у  Хъазыбеджы  национа паркы  тæвд  суадæтты,  æхсæрдзæнты æмæ  туаг цадты бæрæгдзуа цæуджытæн» –  фыссы рауагъдад Стъепанцъминдайы  тыххæй.

Ранымады   афтæдæр сты Чески-Крумлов, Чехи; Сыгхдæг Магдалена, итали; Сент Аив, Корноуло, Иугонд Паддзахад; Иаийце, Босни æмæ Герцоговинæ,Тъулум, Мексикæ; Ширакава-Го, Япони; Уанака, Ног Зеланди; Ко Фи Фи – Тайланд; Парати, Бразили; Цефалу, Сицилий, Итали; Альштадт, Автсри; Фурнаш, Азоры сакъадахтæ; Ротенбург-Об-дер-Таубер, Германи; Суздаль, Уæрæсе; Ези, Франц; Порт Дуглас, Австрали; Симиан ла Ротонда, Франц; Ринкони, Пуэрто Рико.