Стамбулы полици "уырыссаг мафийы" ныхмæ спецоперацийы рæстæджы Гуырдзыстоны цыппар æмбæстаг æрцахста
Стамбулы полици "уырыссаг мафийы" ныхмæ спецоперацийы рæстæджы Гуырдзыстоны цыппар æмбæстаг æрцахста

Стамбулы полици “уырыссаг мафийы” ныхмæ спецоперацийы рæстæджы Гуырдзыстоны цыппар æмбæстаг æрцахста
Туркаг медийы информацимæ гæсгæ, Стамбулы полицийы организгонд аххосагы ныхмæ дæлхайад, спецоперацийы рæстæджы æнæхъæнæй 16 уæнг æрцахста, се æхсæн Украинайы æртæ, Уæрæсейы иу, Гуырдзы тоны цыппар æмæ Азербайджаны аст æмбæстаг.
Спецоперацийы бынатыл полици 11 пистолет æмæ 222 нæмыг систа.
Раздæрон информацийæ, къорды сæрдар украинаг Андри Малия у, гуырысхогондтæ та азербайджаны къорды лидеры Надир Салифовы æмæ йæ къорды уæнгтæ сты.