Сталыты къухæмдзæгъд адæймагады хъайтартæн [видео]

Дохтыртæн  арфæйы  нысанæн,  кæцытæ  COVID-19-ы  пандемийы   тасмæ æнæкæсгæ   адæймæгты  фервæзын кæнынæн  æппæт Дунейы ,  сæхиуыл  нæ ауæрдынц,  футболы  архайæг æмæ  раздæры  сталытæ,  адæймагады   хъайтартæн   кады   нысанæн   видео-сидт   ахæлиу  кодтой.

«Æппæт Дунейы,  медицинон  персонал æмæ   барвæндонтæ  сæрмагонд  цард рискъы бын  кæнгæйæ, æххуыс кæнынц се фсымæртæн. Хъыгагæн  сæ иуæй-иутæ   ацы тохæн  сæрмагонд  цард дæр снывонд  кодтой. Афтæма нысаниуæгджын рол  æххæст кæнынц   нæ  царды уагы  хъахъхъæнынады  уыцы  адæймæгтæ, чидæриддæр кусынц   барадхъахъхъæнæг системæйы,  афтекты,  дуканиты, æвæрæнты, хæдзармæ  бадавыны  сервисты, æхсæнадон  транспорты, æдасдзинады  куысты  æмæ   медийы.  Футболы   стыр бинонтæ   æппæт  Дунейы  сын  арфæ кæнынц  æмæ æнцой  дарынц  ацы  стыр  хъуыддаджы», –  фыст ис   басидты.

Акцийы хайад истой   Пеле, Марадона, Бэкхем, Буффон, Каннаварро, Касильяс, Харри Кейн, Самуэль Это’О , Зинедин Зидан, Майкл Оуэн, Месут Озил, Марко  Ван Бастен, Артуро Видаль æмæ бирæ   æндæр –   уыдон  видеойы мидæг, «адæймагады  хъайтартæ» зæрдиаг арфæ æмæ   къухæмдзæгъд кæнынц.

«Махæн иу  къухæмдзæгъд кæнынц  куыд футболисттæн. Ныр та  нæ рад æрлæууыд, мах  сын  хъуамæ  аргъ скæнæм  алы  уыцы   хосгæнæгæн, чидæриддæр нæ  царды  тыххæй   сæхиуыл  нæ  ауæрдынц,  бузныг сын», –  дзуры  Девид Бэкхем.