Сталины бюст Джереми Кларксоны автомобилыл - эксклюзивон видео-кадртæ

Автомобилыл,  кæцыйы мидæг æмакæнджытимæ иумæ  бадгæйæ  номдзыд бритайнаг акæнæг Джереми Кларксон Хурвалеты æрдæм фæцæйцыд,   сфидар  кодтой   Иосиф Сталины  бюст. Уый фæдыл  Фыццаг Къаналы  журналист  хъусын кæны бынатæй.  Джереми Кларксон  æмакæнджытæ Ричард Хаммонд æмæ  Джеймс Мэйимæ  иумæ, хъавынц  оккупацион  хаххы  цурмæ  баæуын.

Джереми Кларксон   Фыццаг Къаналæн куыд   фехъусын  коджта  афтæмæй,    знон  сæ  цæст ахастой  Батум æмæ Гурыл.  Сæрмагондæй  та,   Гуры уæвæг  Сталины   музейы  уыд. Кларксоны  дзырдæй,   йæ  къорд дунейы   номдзыд диктатурæты  фæдыл телеуынынадон æрмæджытæ  цæттæ кæны.

Джереми Кларксон    у номдзыд телеакæнæг,  кæцыйы  автомобильты  уарзджытæ  зоыннц  алæвæрд  Top Gear-æй.  Кларксон  ВВС-йы алæвæрд Top Gear-ы  акæнæг уыдис  йæ  дыууæ партнеримæ иумæ  2002-æй 2015-æм азы онг.  ВВС-йæ  куы скандалонæй  аддæдуар кодтой  уый  фæстæ,  Ричард Хаммонд æмæ Джеймс Мэйимæ  иумæ, Amazon Video-йæн  бакуыста ног проект – The Grand Tour,  кæцыйы дæр йæ  æмкусджытимæ иумæ    балц  кæнынц æппæт дунейы.

Цалдæр азы дæргъы  алæвæрд Top Gear-ы  эксклюзивонæй  æвдыста Фыццаг Къанал.