Специалисттæ  æмбæстæгтæм æрсидтысты,  куыд наркотикон  - афтæ  æнæбæрæг   буарадты райстæй сæхи бауромой
Специалисттæ æмбæстæгтæм æрсидтысты, куыд наркотикон - афтæ æнæбæрæг буарадты райстæй сæхи бауромой

Наркотикты уæлдайджын дозæйæ  райсты цаутыл реагир кæныны  нысанæй,   Гуырдызстоны, куысты  æнæниздзинады æмæ социалон хъахъъхæды министрады,  уагдæтты къухдариуæггæнджыты  структурон иуæгты  æмæ  фадыджы  экспертты  хайадæй,   ацыд  фембæлд.

Мадзалыл  клубон наркотиктæй цы хонынц  уыдонæй пайдакæныны  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  бинонтæн  тæфæрфæс ракодтой.  Министрады куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  мæлæты аххосы  Самхараулийы номыл   тæрхонон  экспертизæйы националон бюро  сбæрæг кæндзæн æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр,   вазыгджын у  антидоты эффектджын перпараты ссарын.

Къабазы  специалисттæ  дзыллæмæ ноджы иу хат  æрсидтысты,  ма пайда кæна  æнæбæрæг  буарадтæй   наркотикон  срасыгы нысанæй. А.Х.  «клубон наркотик» гæнæн ис  ахæм  фаталон фæтсиуджытæ райса,  æндæр   наркотикон фæрæзтæн куыд  вæййы  афтæ.

ФембæлдылЯ «опиатты»  къорды  наркотикон   буарадты  уæлдайджын дозæйæ райсты цауты  æмæ  «налоксоны»  куыд    антидотæй  пайдакæныны  тыххæй  фæныхас кодтой.   Препарат  «Налоксоны» райсын   гæнæн ис  сæрибарæй  æмæ йæ рецепты рафыссыны  бар ис  алы  дохтырмæ.

«Зæрдыл бадаринаг  у уыцы факт æмæ  а.х.  клубон (рекреацион) наркотикты фылдæр, хауынц  психоактивон  бурадтæм,  кæцыты æрдм  «Налоксон»  эффективон нæу ( уый эффективон у æрмæстдæр «опиатты»  къорды наркотиктæй  фæхъæстæйы цауы). Афтæма,  Гуырдзыстоны регистрацигонд  «Налоксоны»  уадзæг цы   инструкци бакуыста  уымæ  гæсгæйæ,   препаратæй пайдакæныны  рæстæджы,  хъахъъхæд хъуамæ  уа  æдасдзинады алы нормæтæ,  фæрссаг реакцитæй  хи бахизыны  нысанæй.  Уый тыххæй дæр  Налоксоны  организммы  бауадзын  гæнæн ис  æрмæстдæр   медицинон персоналы  кæнæ  уыцы  уæнгты руаджы,  кæцытæ   ацыдысты  æмбæлон  медицинон  бацæттæ.

Фæнысанкæнинаг у  цæмæй глобалон  фонды æмæ министрады æххуысæй,   «Зиан фæкъаддæр кæныны  хызаг»  2009  азæй,   æнæруромгæйæ  ифтонг кæны  наркотиктыл дæлбаруæвæг уæнгты  «Налоксонæй» (афæдзы  мидæг  12 000 ампулæ)  кæцытæн афтæдæр уагъд цæуы  æмбæлон бацæттæ  препаратæй  пайда кæныны   тыххæй.  Ацы рæстæджы  Гуырдызстоны  æххæст цæуы    наркотикты дæлбар  уæнгты  ивгæ  терапий  «Бупренорфин-Налоксонæй» –  хъусын кæнынц   министрады.

Уагдоны информацийæ фембæлды   хайадисджытæ  наркотиктæй  уæлдайджын дозæйæ райсты  цауты  превенцийы   фæндæгтыл  æруынаффæ  кодтой  æмæ æмбæстæгтæм  æрсидтысты,   куыд наркотикон, афтæдæр  æндæр   æнæбæрæг   буарадтæ  райсынæй  хиуылхæцынмæ.