Советон оккупацийы бонмæ гæсгæ паддзахадон уагдæттыл Гуырдзыстоны тырысатæ бынмæ æруагътой [видео]

Советон  оккупацийы  бонмæ гæсгæ    паддзахадон  уагдæттыл  Гуырдзыстоны  тырысатæ  бынмæ æруагътой.

Паддзахадон тырыса  æруагътой  Гуырдзыстоны  президенты галуаны  цур,    парламенты   бæстыхайы  цур, æндæр æмæ æндæр   минстрады æмæ  паддзахадон уагдæтты цур.

Тырысатæ  бынмæ æруагътой   администрацион бæстыхæйтты  цур Гуырдзыстоны регионты  дæр.

Гуырдзыстоны  парламенты  2010 азы  21  июлы  уагæвæрдмæ  гæсгæйæ, 25  феврал   советон  оккупацийы  бонæй  расидтысты.  Оккупацийы  сæдæгай мин   амæттæгты ном ссарынæн  ацы  бон  Гуырдзыстоны  æппæт территорийыл   паддзахадон тырысатæ  бынмæ  æруадзынц.

1921  азы  25  февралы   Уæрæсейы  сырх арми   Тбилис  систа  æмæ Гуырдзыстоны   æппæтадæмон  æмæ  сæрибар æвзæрстыты фæндагæй  æвзæрст   хицауад  раппæрст, æй  фæстиуæгæн  дæр сæххæст кодта  æхсæнадæмон барады субъекты – Гуырдзыстоны  Демокративон Республикæйы   анекси.