Сосо Гогашвили хъусын кæны, цæмæй 2017 азы  спецоперацийы фæлгæтты, нейтрализацигонд уæнгтæн, Гуырдзыстоны теракттæ сыххæст кæнынæн, уыдис æртæ фидар нысан
Сосо Гогашвили хъусын кæны, цæмæй 2017 азы спецоперацийы фæлгæтты, нейтрализацигонд уæнгтæн, Гуырдзыстоны теракттæ сыххæст кæнынæн, уыдис æртæ фидар нысан

Гуырдзыстоны   паддзахадон æдасдзинады   куысты  хистæры  раздæры хæдивæг   Сосо Гогашвили  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  Габриэл Салосы  проспектыл   уагъд  спецоперацийы  детæлттæ  æрымысыд  æмæ  фæдагуырд,  спецоперацийы онг   æмæ уый  фæстæ   цы  бæлвырдгæнæнтæ самал кодта  уыдоны  кой  кæны.

Сосо Гогашвилийы  куырдиатæй,   зæгъгæ спецоперацийы  фæлгæтты  нейтрализацигонд  гоймæгтæн,  террористон акттæ сыххæст кæнынæн   æртæ  фидар  нысан уыд.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд   уæнгты  сæйраг   нысан уыд   массон æмбырды   уыцы  бынæттæ,  кæцы рæтты  дæр америкæгтæ   уыдаиккой.

«Ист  бæлвырдгæнæнты  баиу кæныны  фæрцы  бæрæг ссис   фыццаг этапыл  Гуырдзыстоны фондз æмбæстаг,  стæй  ма  сæм  бамхас  сты  дыууæ, æмæ   æмтгæй  райсгæйæ   уыдысты  астæй, кæд раст хъуыды кæнын уæд. Бæлвырдгæнæнтæ  уыд  алкæй  ныхмæ  дæр.   Мах сæ хронологионæй  равæрдтам  ацы  бæлвырдгæнæнтæ  Чатаевы æмæ  Адашевы  æрбацыды  бонæй,  кæцытæ  ликвидацигонд  сты.   Æрбафтыд нæм  бæлвырдгæнæн   Борзиевыл  æмæ  ноджы иу адæймагыл.   Борзиев æфхæрдмæ лæвæрд æрцыд, дыккаг та  ликвидацигонд у.  Адонимæ  контактты   уæвæг гуырдзиæгтæ,  кæцытæ  уыдысты   баст   æхцы æрвысты  баххуысы,  цалдæры  номыл уыд  конд  банкъон хыгъд Европæйы  æндæр æмæ æндæр   бæстæты,  кæцæй дæр æрвыст цыдис  Гуырдзыстоны  архайæг банкъон хыгъдтæм,  уыдис дзы  бынативды   маршруттæ,  уыдис  телефонон  мæсыггондтæй æмæ  камерæтæй.   Стæй  самал кодтам  видеобæлвырдгæнæнтæ,   куыд  цыдысты  иу ранæй  иннæ ранмæ  иумæ»- райхъусын кодта   Сосо Гогашвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæдагуырд  систа  телефонон  дзырдты ныффыстытæ дæр.

«Арæны иннæ æрдгæй, а.х.  цъæх арæн,  кæцы   хъахъхъæд нæу,  а.х.  телæмбондтæй,  уым арахайы  æрзылды  радгæсад , æмæ ис  дыууæ раны  астæу  ахæм афон радгæс  дард  куы вæййы бынатæй.   Уый   тыххæй   зыдтой  тынг  хорз,   зыдтой  æрзылды мидуагы фæтк æмæ Турчы æрдгæй  куы  æрбалæууыдысты   арæныл, нæ  информацийæ,   фыццаг  хатт  фæдзырдтой  Темирлан Мачаликашвилимæ. Уымæй  уæлдай ма,  уым уыдис интернеты  пакеттæ йæ номыл  фидаргонд,   кæцыйы  парольтæ  уыдысты  йæ номæй.  Афтæдæр,  уыд  фатертæ, нырма  иу æмæ стæй  дыккаг,   уыдис ифтонгад  хæлц æмæ  мигæнæнтæй, стæй  цæцæйнæгты Кахетмæ нылластой  æмæ уырдгæй  та раластой  æхсæнгарз.  Алцыппæт ацы  хъуыддæгты  сын æххуыс  кодта»–  банысан кодта   Сосо Гогашвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  Габриэл Салосы  проспектыл   уагъд  спецоперацийы  фæстæ,   фæдагуырд   не  ссардта  æрмæст лептоп. Гогашвилийы   ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ бынатыл уыдис информацийы  бавæрынæн  хъæугæ бирæ   мигæнæнтæ –  сæ нымæцы  а.х. «флешкатæ»  айпад æмæ  мобилон телефонтæ.

«Спецопераци куы  фæцис  æмæ   фыдгæнджытæ  ликивдацигонд куы æрцыдысты,   нæ коллегæтимæ æмæ  фæсарæйнаг партнертимæ иумæ райдыдтам   бынат иртасын  æмæ æрмæджытæ исын,   уыцы  ран цы  уыдис æмæ   стæй  растдæр уырдгæй æрцыд  ацы  информацийы  ист.  Дзырдæуы  телефонты  номыртыл,  рабафыстытыл,  смс-тыл. Афтæдæр  уыд аудио-видео,  фото  бæлвырдгæнæнтæ.  Иу мæймæ æрцæттæ  кодтам алцы.  Хъуыддаджы баст уыдысты   нæ  коллегæтæ,   фæдагуырды  федералон бюройы    (FBI)   фæдагур къорд.  Самал кодтам  бæлвырдгæнæнтæ  Абу Джихады æмæ  Ахмед Чатаевы æхсæн, кы ныхас  кæнынц, цæмæй  терористон акт  хъуамæ сыххæст уа  адæмарæх ран æмæ  йæ  сыххæст кæной Турчы  æви Гуырдзыстоны  æмæ    йын  Чатаев  æнхъары  цæмæй зæгъгæ хуыздæр уайид   Америка (ам æмбæстæгтыл цæуы дзырд),  уымæн æмæ сæм уыцы  рæстæджы  уыдис инфоромаци, цæмæй  ам   бирæйæ  уыдысты  америкæгтæ æмæ   растдæр  ацы  периодимæ фемдзыд ис  Гуырдзыстон-Америкæйы  регбийы  æмбырдгæндты   хæларон матч,  афтæдæр  уыд  Сабион Евроуынынад  æмæ  Зæлдаг Фæндаджы   самит.  Æвзæрст сын уыдис æртæ  фидар мысаны,  кæцы рæтты  дæр  амæттæгты  нымæц  уыдаит тынг стыр.   Террористон  акт  æнхъæлцау  уыдаит уыцы   хæцæн æрмæджытæй, кæытæ мах  систам,  уыцы   хотыхтæй  æмæ   ахæм бæрцæй  нæмгуытæй,   кæцы  æрцыд  ист. Гæнæн ис  уыдаит   æхсæнгарзæй   массон марындзинæдтæ,  массон  æмбырды  рæтты  æмæ цæй  зæгхын æй  хъæуы,  æппæтыфæстаг уыдаит  шахиды рон  скуысын кæнын.   Амондæн нæ  сын  бантыстис  æмæ  бынатыл æрцыд ликвидаци  æмæ  террористон  актытæ   цæхгæр  кæрон скодтам.   Мысан уыдысты  америкæгтæ бæрæг  куыд  ыссис  афтæмæй.   Европаг коллегæтæй  нæм æрбацыд   информаци,   цæмæй  ацы террористон акт хъуамæ  уыдаит   ахæм масштабы,  кæцы æнæ æрмæст Гуырдзыстон сæнкъуысын кодтаит, фæлæ ма  Европæ æмæ  Дуне дæр.   Ахъуыды кæнут,  уый  цы æрхастаит Гуырдзыстонæн  æмæ   цæй йас дзæхст уыдаит, ам куы ныццагъдаиккой  нæхи æмбæстæгты æмæ   туристты»- райхъусын кодта  Сосо Гогашвили.