Сомихыстоны парламент, премьер-министры бынатмæ Никол Пашиняны  кандидатурæйæн  не схъæлæс кодта
Сомихыстоны парламент, премьер-министры бынатмæ Никол Пашиняны кандидатурæйæн не схъæлæс кодта

Сомихыстоны Республикæйы парламент, бæстæйы   ног премьер-министры  фарст æркæсынæн  абонмæ нысангонд специалон рабадтыл, Никол Пашиняны  кандидатурæйæн  йæ  фарс нæ рахæцыд.

Пашиняны кандидатурæйæн   йæ  фарс рахæцыд æрмæст иу  депутат, æртæйæ  йæ  ныхмæ  уыдысты,  æрмæст 75-ы  та хъæлæскæныны  процессы  хайад райсын, сæхи фæурæдтой.  Фарстыл уынаффæймæ нæ баиу сты  парламентон оппозицион партиты «Дидинæфтыд Сомихыстоны» æмæ «Æрттивæг Сомихыстоны»  уæнгтæ.

Афтæмæй, æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстыты снысан кæныны процедурæ  райдыдта.  Уыцы цауы, кæд æмæ   закондæттæг  орган иу къуыримæ та  нæ  бахъом уыдзæн  хицауады  къухдариуæггæнæгы  сывзарын,  парламент ныппырх уыдзæн  æмæ   æвзæрстытæ  официалонæй  снысан уыдзысты.