Сомихыстоны «Ковид-19»-ы 1 694 ног цау фæбæрæг ис. Информаци хъусын кæны бынæттон медиа, бæстæйы æнæнизхъахъхъæды министрадыл æнцойæ.
Сомихыстоны пандемийы фыццаг бонæй абоны онг, рабæрæг ис инфицирады 64 694 цау.
Фæстаг 24 сахаты дæргъы бæстæйы леталон цауты нымæц 14-æй фæфылдæр ис.
Сомихыстоны «Ковид-19»-æй рынчын фæмардуæвджыты нымæц ахæццæ ис 1400-мæ.