Сомихыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 40 минмæ хæццæ кæны
Сомихыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 40 минмæ хæццæ кæны. Ивгъуыд æхсæв-боны мидæг Сомихыстоны 233 ног цау рабæрæг ис. Ныр хос кæнынц авд минæй фылдæр адæймагæн, 31 500 та ныридæгæн сæнæниз сты.
Леталон цауты тыххæй куы зæгъæм, уæд ивгъуыд 24 сахаты, Сомихыстоны вирусы аххосæй амард дыууæ адæймаг. Уый фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц аххæссыд 772-мæ. 228 фæрынчынуæвæг та, æндæр æмвæд низты фæстиуæгæн фæхъуыд.