Сомихыстоны  хицауад  бæстæйы  æфсæддон уавæр æрбайста
Сомихыстоны хицауад бæстæйы æфсæддон уавæр æрбайста

Сомихыстоны райхъусын кодтой  æфсæддон уавæр. Уый фæдыл  премьер-министр, Никол Пашинян  ныффыста социалон хызагы.

«Хицауады  уынаффæйæ, Сомихыстоны Республикæйы   расидтæуыд  æфсæддон уавæр  æмæ  æппæтадæмон  æфсæддон  æмбырд.  Уынаффæ йæ  тыхмæ  бихыздзæн йæ  райхъусынк æныны моментæй.  Сидын  гарзджын тыхты  сæрммагонд скондмæ,  фæзыной  æфсæддон комисариаттæм. Нæ фыдыбæстæйы, нæ  уæлахиздзинадæн» – фыссы  Пашинян.

Сомихыстон æмæ Азербайджаны арæныл, уавæр  иттæг фæкарз ис.  Фарсытæ   æфсæддон  быцæудзинæдты  æмæ  амæттагы тыхæхй  хъусын кæнынц. Азербайджайнаг медиайы  хъусинагæй,   Сомихыстоны æрдгæй   абон   сæумæрайсом  егъаумасштабон  бырсæнцыд сыххæст.  Фæстиуæгæн ис амæттаг. Уый нымæцы   сабырадон æмбæстæгтæ. Азербайджаны хъахъъхæнынады  министрады  куыд дзурынц афтæмæй,   азербайджайнаг æфсæддæттæ  дзуаппон æхст  райдыдтой.   Сомихыстоны та хъусын кæнынц,  цæмæй   Азербайджаны æрдгæй  райдыдта бырсæнцыд Уæлхох Къарабахмæ.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрад та хъусын кæны, ома сомихаг  æфсæддæттæ  дыууæ азербайджайнаг  хæрдмæтæхæг  æмæ æнæ пилот тæхæн аппарат  æрыппæрстой.  Сæ  хъусинагæй, æхсты гуыпп хъуысы  Сетпанакерты дæр.

Սիրելի հայրենակիցներ. Հիմա կառավարության որոշմամբ Հայաստանի Հանրապետությունում հայտարարվում է ռազմական դրություն եւ…

Posted by Nikol Pashinyan / Նիկոլ Փաշինյան on კვირა, 27 სექტემბერი, 2020