Сомихыстоны карджынты аздоны 41 адæймагмæ коронавирус сбæлвырд ис
Сомихыстоны карджыты иуæй-иу аздоны коронавирус апарахат ис. Æмбæлгæ информаци хъусын кæны «Ньюс Ам».
Сомихыстоны куысты æмæ социалон фарстаты министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Ереваны уæвæг Норкы карджынты аздоны анализ сарызтой 70 адæймагæн, кæцытæй 41-мæ коронавирус сбæлвырд ис.
Ныр фондз адæймаг сты госпитализацигонд, иннæтæ та изоляцийы сты. Фæрынчынуæвджыты нымæцы сты куыд карджыты хæдзары цæрджытæ, афтæ персонал.