Сомихыстоны  фæстаг æхсæв-боны  дæргъы  коронавирусæй  инфицирады  349 ног цау  рабæрæг ис
Сомихыстоны фæстаг æхсæв-боны дæргъы коронавирусæй инфицирады 349 ног цау рабæрæг ис

Сомихыстоны  фæстаг суткæйы  дæргъы  коронавирусæй  инфицирады  349 ног цау  рабæрæг ис, 12 фæрынчынуæвæг та амард. Ноджы  фондз  ковидфæрынчынуæвæг та  фæхъуыд æндæр низы  аххосæй.  Информацийы  хъусын кæны бынæттон медиа.

Эпидемийы фыццаг бонæй  абоны онг  Сомихы  æдæппæт рабæрæг ис  «Ковид-19»-29 285 цау. Æмтгæй  райсгæйæ  «Ковид-19»-æй  амард 503  фæрынчынуæвæг, 164 фæрынчынуæвæг та  амард æндæр низтæй.  Сомихыстоны  вирусæй  фæрынчынуæвæг   16 907  пациент сæнæниз ис.