Сомихыстоны, Азербайджаны æмæ Уæрæсейы лидерты  къухбафыст  бадзырдæй, Уæлхох Карабахы  2000-ы онг уырыссаг   сабырадхъахъхъæнæг  æрлæудзæн
Сомихыстоны, Азербайджаны æмæ Уæрæсейы лидерты къухбафыст бадзырдæй, Уæлхох Карабахы 2000-ы онг уырыссаг сабырадхъахъхъæнæг æрлæудзæн

Уæрæсе  æнæнымад Уæлхох Карабахмæ  бакæндзæн  2000-ы  онг  сабырахъахъхъæнæгы, Сомихыстон та  æнæнымад   Уæлхох Карабахæй  гарзджын тыхты хайадтæ   ракæндзæн. Уый фæдыл  банысангонд у  бадзырды, кæцыйыл къух бафыстой  Азербайджаны президент Ильхам Алиев, Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян  æмæ Уæрæсейы  президент  Владимир Путин.

Æхсты фæурæды фæдыл  бадзырды  æртыккаг пункты  дзырдæуы, цæмæй  «Уæлхох Карабахы  контакты  хаххы  æмæ  Лачинийы  кæлидоры  дæргъмæ  Уæрæсейы  Федерацийы  сабырадхъахъхъæнджыты  контингент  1960  чысыл   асы æхсæнгарзæй ифтонггонд  æфсæддонимæ,  90  згъæртранспортер æмæ 380  иуæг автомобилон  æмæ  специалон техникæимæ æрлæудзæн».

Бадзырдмæ гæсгæ, 10 ноябрæй, æнæнымад  Уæлхох Карабахы  хæстон архæйдтæ  урæд æрцыдысты.