Сомихыстоны ахуырады æмæ культурæйы министр хъусын кæны, цæмæй Миехил Саакашвилийы, Ереваны паддзахадон Университеты цытджын докторы номæй хъуамæ фæцух кæной
Сомихыстоны ахуырады æмæ культурæйы министры фидиуæнæй, Михеил Саакашвилийæн Ереваны паддзахадон университеты цытджын докторы ном аивын хъæуы. Уый фæдыл Араик Арутунян, «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл ныффыста.
«Абон ахицæн кодтон, Ереваны паддзахадон университеты зонадон советмæ баздæхын, цæмæй Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн, цытджын докторы номæй фæцух кæныны фæдыл», – фыссы Сомихыстоны ахуырады æмæ культурæйы министр.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уынаффæ райста Саакашвилийы æрдгæй Азербайджанæн фарсхæцæг фидиуæны тыххæй.
Гуырдзыстоны раздæры президент Украинайы реформæты советы æххæстгæнæг комитеты сæрдар, Михеил Саакашвили райхъусын кодта, цæмæй Уæлхох Карабах у Азербайджаны Республикæйы суверенон территори æмæ уый ницы фæивдзæн. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ алчи, кæйдæриддæр ацы регионæй расырдтой, ис сæм бар сæ хæдзæрттæм æрыздæхын, æмæ ацытæккæ уым чи цæры, уыдонæн ты ис бар сабырæй адарддæр кæной сæ цард.