Сомихыстоны парламент сфидар кодта министрты кабинеты структурæйы ивды фæдыл закъон, кæцыйы фæлгæтты, министрадты нымæц 17-æй 12-ы онг фæкаддæр ис.
Инициативæимæ сразы сты 77 депутат, 41 та йæ ныхмæ схъæлæс кодтой, æрмæст иу депутат халæппæрсты хайад нæ райста.
Райст закъоны фæлгæтты, Сомихыстоны аивдзысты фыццаг вице-премьеры интитут, афтæдæр, энергетикон инфраструктурæйы æмæ æрдзон ресурсты министрад; культурæйы, спорт æмæ фæсивæды министрад; транспорты, бастдзинады æмæ информацион технологиты министрад, диаспорæйы министрад, афтæдæр хъæууон хæдзарады министрад.
Фæмацыгонд уагдæтты функцитæ райуардзысты æндæр министрадтæн.